Меню
Разработки
Разработки  /  Искуcство  /  Разное  /  10 класс  /  Дæ фыдæлтæ рухсаг, дахадæг мын бæзз! (Царствие предкам, а сам не робей!)

Дæ фыдæлтæ рухсаг, дахадæг мын бæзз! (Царствие предкам, а сам не робей!)

Исследовательская работа о происхождении фамилии Гуриевых
23.01.2023

Содержимое разработки

Нæ иудзинад нæ æгьдау.

Æвæццæгæн иунæг ирон йæхи чи хаты æмæ хоны, уыдонæн æнæзонгæ нæ уыдзæн Хьобаны ком. Уый фыдæлты дуджы куыд размæцыд уыд. Абоны уонг дæр æххæст бæрæггонд нæма æрцыдысты, ам адæм хæххон удхайраг цардæй æфхæрдæй Уæздандзинадæн цæй стыр кад кодтой. Хи стауын ирон адæммæ тынг худинаг уыд æмæ у, Кьостайы загьдау «Дæ фыдæлтæ рухсаг, дæхæдæг мын бæзз», фæлæ уын æз куы нæ ракæнон мæ фыдæлты хабар уæд æй сымах кæцæй хъуамæ базонат?

Бынтон æрæджы мæм тынг цымыдис æркаст мæ мыггаджы рацыд. Мæ фыды скьуыммæ кодтон изæрыгæтты радзур ма мын цы зоныс уыдон нæ мыггаджы равзæрды тыххæй. Уый мын бирæ цымыдис хабæрттæ радзырдта. Стæй мæм уайдзæф гьуызы бадзырдта; «Мæ фæсфæд мыл аивæй худгæ куы фæкæнут компьютеры дам фыстæг ныффыссын нæ зоны. Уæд ахæм зонджджынæй ды цæуылнæ зоныс дæ мыггаджы равзæрд?» Хардзау мæм æркасти Бабайы дзырд. Йе уæдæй фæстæмæ лыстæг æрывнæлдтон нæ фыдæлты цардмæ, æгьдæуттæм æмæ ма дзы абон цы баззад уый раиртасынады куыстыл.

Куыд сбæрæг кодтон афтæмæй Уæздæтты фæдон дæн, Ос-бæгьатыры тагæй, æмæ æрмæст уый тыххæй дæр мæхи хъуамæ бынтон æндæргьуызон дарон. Нæ хистæр фыдæлæн йæ ном хуынди Куыртта. Царди Ирыстоны рæсугьддæр къуымы Бæрзыхъæуы. Тынг дзырддзæугæ лæг уыдис, каджджын зыдтой йæ æнæхъæн Ирыстоны кæмтты дæр. Туджжынты фидауынмæ, хорз хъуыддæгты минæвармæ иуууылдæр уый агуырдтой адæм. Æнæхъæн ком дæр ма йæ номыл куы рахуыдтой. Йæ дарддæры фæлтæрæй уыд Стыр Тембол. Уый кæд асæй бæрзонд лæг нæ уыди, уæддæр ахæм куырыхон, фæрнджын æмæ зонды хицау уыд, æмæ йæ дардыл хъуыст ном сыстыр кодта. Темболы цоты хистæр Гуыри хуынди. Гье уымæй у нæ мыггаджы ном дæр. Цæвиттойнаг æппæтæн уыд Гуыри. Йæхицæй фердæхтджындæр æмæ цæхæрцæстдæр ирон лæппуйæн скæнæн нæ уыд. Иу ахæмы дзæбидырдзуаны фæцыдысты йе фсымæр Хъæлыцимæ. Зæххы уæлцьар кæд райсомæй салд уыди, уæддæр иу сихорафонмæввахс æртæфсти. Фæдих сты æфсымæртæ. Гуыри донбыл хъахъхъæдта, Хъæлыц та зæнджы дзæбидыртæн сæ размæ бабадт. Æнæнхъæлæхъы гæрах райхъуысти уæлейæ, дуртæ донбылмæ ртылдысты. Гуырийы зæрдæ фæхатыд фыдбылыз. Æслидзынæн рæстæг нал уыд, фæлæ уыцы дардæй ныхъхъавыд хъæбысхæсты бацæуæг арсы сæр кæд фæуæле уыдзæн. Ныхъхъавыди йæм æмæ уе знæгтæ дæр афтæ. Сызгьорста æмæ Хъæлыцы уæззау арсы бынæй раласта. Уыцы хабар айхъуысти æппæт Ирыл æмæ йæ фæсномыгæй Цæргæсцæст хуыдтой. Гуырийы номхæссæг бындар уыд Елбыздыхъо. Стæй уæд та мæ Стыр Баба Хасан уыд, кæм ис уым дзæнæттаг уæт. Йæ номыл у нырма дæр хъæуы нæ хæдзар, Адæм ныр дæр афтæ фæдзурынц уæртæ Хасанты рдыгæй. Мæ хъомылгæнæг, куыстуарзаг Баба та Хадзымæт у. Уæ фарн бирæ… Уый æппæт нымад адæмы кæстæртæ та мах: æз, Геор, мæ кæстæр æфсымæр Зауырбег æмæ нæ иунæг хо Зæринæ. стæм.

Мæ зæрдæйæн мын цæй циндзинад хæссы уыцы хабар, цалдæр мин азы размæ, ам, мæ фыдæлты фыдæлтæ, сæ куысты руаджы цæй æнтыстдзинæдтæ скодтой. Æргьæу, æфсæн æмæ бронзæйæ конд мигæнæнтæн æмбал нæй. Стыр сæрбæрзонддзинад мын æнкьарын кæны, ахæм бынатæй кæй равзæрди мæ мыггаг. Фæлæ мыл цæййас уæззау хæс ис ме уæхсджытыл уыдон номæн аккаг кæстæрæн бабæззон. Цымæ æз цы хъуамæ саразон мæ царды, цæмæй мæхи хонон Гуыриатæй куыд филологон зонæдты дохтыр, профессор, Тамерлан Алыксандры фырт, куыд техникон зонæдты дохтыртæ Алик Елдзарыхъойы фырт æмæ йæ фырт Марат Аликы фырт, куыд профессор экономикон зонынæдты дохтыр Сергей Мараты фырт, куыд амалхъом комыаргь адæймаг Владимир Гуыриаты, кæцы йæхи фæрæзтæй сцалцæг кодта нæ мыггаджы мæсыг, раразмæ кодта хи хæрдзтæй футболон клуб «Алани», стыр фæрæзтæ бахаста «Мамысон» æмæ «Аланийы Парчы» скæнынмæ.

Æз амонджджын дæн кæй мын ис стыр цæвиттойнæгтæ: фыццаджы дæр мæ Баба. Уый нæ бинонтыл куыд ауды æмæ лæггад кæны алкæмæн, куыд нæ тæрсы фыдæбонæй, куыстæй. Афтæ мын фæдзæхсы: «Хуыцау дын радта дыууæ цæсты, цæмæй кæсай æмæ уынай, æвзарай хорз æвзæрæй. Радта дын дыууæ хъусы, цæмæй хистæртæм хъусай, дыууæ кьахы цæмæй дуне фенай, дыууæ кьухы, цæмæй дæхицæн рæсугьд цард скæнай, иу дзых цæмæй гуыххæл Зыдгуыбын гуыбындзæл ма уай. Радта дын иу æвзаг, цæмæй дзы дзурай фыццаджыдæр дæ мадæлон æвзагыл стæй та иннæ æвзæгтыл.

Кæронбæттæны мæ зæгьын фæнды дыууæ ныхасы мæ кары лæппутæм:


Æфсымæр! Æсдзур мæм иронау!

Æз дæр дын иронау скæндзынæн дзуапп!

У худинаг махæн нæ æвзаг нæ зонын!

Мæлæт нын куы фесафæм нарты æвзаг!


Æфсымæр! Алантæ! Мæ кары лæппутæ!

Цæй æмæ иронау ныззарæм хъæрæй!

Уадз арвау ныннæра ирон æвзаг дардыл!

Уый мадæлон æвзаг у- ирон лæппутæн!



-75%
Курсы повышения квалификации

Историко-краеведческая деятельность как средство достижения метапредметных результатов в современном обучении и воспитании

Продолжительность 72 часа
Документ: Удостоверение о повышении квалификации
4000 руб.
1000 руб.
Подробнее
Скачать разработку
Сохранить у себя:
Дæ фыдæлтæ рухсаг, дахадæг мын бæзз! (Царствие предкам, а сам не робей!) (20.91 KB)

Комментарии 0

Чтобы добавить комментарий зарегистрируйтесь или на сайт